Уымæн æмæ йын райдыдтой фылдæр фæрæзтæ дих кæнын
Скъолаты тæвд хæринаг дæттыны хъуыддаг аивта. Уымæн æмæ йын райдыдтой фылдæр фæрæзтæ дих кæнын. Уæдæ аивта йæ меню дæр, фæфылдæр дзы сты дыргъты хуызтæ. Уыйхыгъд кæсагæй конд хойрæгтæ та къаддæр фесты. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæстондæр.
Абон аходæнæн сывæллæттæн сцæттæ кодтой гречкæйæ кас дзидзайымæ, цыхт, сау кæнæ урс дзул, какао æмæ члауитæ. Æххормагæй ничи баззайдзæн – зæрдæ æвæрынц скъолайы. Ахæм хæринæгтæ, суанг адджинаджы онг диссаг никæмæ кæсынц. Сывæллæтты ахуыры бæрзæндтæм тырнын хъæуы, æмæ уый тыххæй хъуамæ æххормаг ма уой. Сабитæ хæрынц зæрдиагæй, бирæтæ æрцагурынц дыккаг хай дæр.
Меню сфидар кæны скъолайы хойраджы комбинат. Уым алцыдæр цæттæ кæнынц иу стандартмæ гæсгæ. Хæринаг куыд кæнынц, уымæ ис бирæвæрсыг цæстдард. Скъолайы та хойраг схъарм кæнынц.
Цæмæй скъоладзауты фæндон нымад æрцæуа æмæ уый æдде хæринаг пайдайаг уа, уый тыххæй сарæзтой мониторинг. Ног ахуыры азæй сывæллæтты фынгыл къалбас баивтой гогызы дзидзайæ. Нал дзы уыдзæнис æнæхъæн кæсаг дæр, цæмæй сывæллæттæ сæ рæстæг кæсаджы сджытæ сыгъдæг кæныныл ма хардз кæной, уый тыххæй. Фæлæ цæмæй ахуырдзауты æнæ кæсаг ма фæкæной, уый тыххæй менюмæ бафтыдой кæсагæй конд тымбылтæ.
Бафтыдтой дыргътæ дæр – фæткъуытæ, кæрдотæ, банантæ. Сывæллæттæм хъуамæ витаминтæ æххæстæй хæццæ кæной. Хæрзхъæд æмæ алыхуызон хойраг уæлдайдæр амонынц кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн – уыдон рæзынц æмæ хъуамæ пайдайаг хъацæнтæй хъуаг ма ййафой.
Скъолаты хъарм хæринаг у фыццаградон, зæгъынц ахуырады управленийы. Йæ хæрзхъæддзинад зынгæ фæхуыздæр, уымæн æмæ иу адæймагæн хойраджы аргъ фæндзай аст сомæй фæфылдæр кодтой æвдай дыууæ сомы онг.




