филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
28 октября 2021, 14:25
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты кусын райдыдтой радхæссæг къордтæ

Байгом сæ кодтой æнæкусгæ бонты рæстæг йæ куыст кæмæн нæ баурæдта ахæм ныййарджытæн баххуыс кæныны тыххæй

Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты кусын райдыдтой радхæссæг къордтæ. Байгом сæ кодтой æнæкусгæ бонты рæстæг йæ куыст кæмæн нæ баурæдта ахæм ныййарджытæн баххуыс кæныны тыххæй. Уыдоны фæллой кæнынц бауромæн кæмæн нæй, ахæм  организациты. Афтæ, Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæттæм цæуынц мин сывæллонæй фылдæр. Скъолайы агъоммæйы куыстуæтты фæтк æххæстгонд цæуы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ хынцгæйæ.

Дзæуджыхъæуы æвдай æртыккæгæм рæвдауæндоны байгом ис æртæ радхæссæг къорды. Иннæ рæвдауæндæттимæ абаргæйæ ис зæгъæн æмæ сæвæрдта рекорд. Ахуыргæнæндоны директор Хъараты Риммæ куыд зæгъы, афтæмæй гæнæн ис æмæ къордты нымæц фæфылдæр уа.

Радхæссæг къордты ис алы кары сабитæ. Сывæллæттæ сæ рæстæг æрвитынц раздæры фæткмæ гæсгæ. Хъуыдыйаг у уый дæр æмæ сæ ныййарджыты нæ хъæуы æвдисæндартæ амал кæнын.

Сæрмагонд къорды хъуамæ дыууын фондз сывæллонæй фылдæр ма уа. Хъомылгæнджытæ лæмбынæг кæсынц, цæмæй æххæстгонд цæуой æппæт санитарон домæнтæ. Ныййарджытæн рæвдауæндоны территоримæ цæуыны бар нæй. Æртыккæгæм рæвдауæндоны ныртæккæ кусы дыууæ радхæссæг къорды. А дыууæ боны байгом кæндзысты æртыккаг дæр.

Радхæссæг къордтæ сæ куыст кæнынц дыццæгæй. Ахæм фæткы рæвдауæндæттæ кусдзысты къуырийы дæргъы.

Цыппæрæмæй æвдæм ноябырмæ радхæссæг къордтæ нæ кусдзысты. Уый баст у, æгас Уæрæсейы фæлладуадзæн бонтæ кæй уыдзæнис, уыйимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania