филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:09 воскресенье, 01 февраля 2026
02 ноября 2021, 10:52
Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы дарддæр сыгъдæггонд цæуы 4-æм цад

Куыстытæ гыццыл фæкъуылымпы кодтой, боныхъæд, стæй дзы цы мæргътæ цæры, уыдонæн цалынмæ æндæр рæтты бынæттæ скодтой, уый

Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы дарддæр сыгъдæггонд цæуы 4-æм цад. Куыстытæ гыццыл фæкъуылымпы кодтой, боныхъæд, стæй дзы цы мæргътæ цæры, уыдонæн цалынмæ æндæр рæтты бынæттæ скодтой, уый. Кусджытæ цад сыгъдæг кæнынц бындуронæй. Архайынц цалдæр бригадæй. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй куыстытæ хъуамæ кæронмæ фæуой афæдзы кæронмæ. Кæд боныхъæд зæрдзæмæдзæугæ уа, уæд та ноябры кæронмæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania