филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:19 вторник, 16 декабря 2025
09 ноября 2021, 11:59
Мæздæджы Мадымайрæмы дзуары ныв равæрдзысты Дзæуджыхъæуы МадыМайрæмы кæрдæны аргъуаны

Раздæр уал чырыстон диныл хæст адæмæн Мæздæджы МадыМайрæммæ скувыны фадат уыд Сыгъдæг Ильяйы номыл аргъуаны

Мæздæджы Мадымайрæмы дзуары ныв равæрдзысты Дзæуджыхъæуы МадыМайрæмы кæрдæны аргъуаны. Раздæр уал чырыстон диныл хæст адæмæн Мæздæджы МадыМайрæммæ скувыны фадат уыд Сыгъдæг Ильяйы номыл аргъуаны. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй нæ горæты аргъуанты сыгъдæг дзуары ныв уыдзæн 21-æм ноябры онг. 14-æмæй – 19-æм ноябрьмæ уыдзæн Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуаны. 19-æмæй – 21-æм ноябры онг та къниаз Владимиры номыл аргъуаны. Мæздæджы Мадымайрæмы дзуарыныв у зындгонд Ивераг иконæйæ ист. Рагон таурæгъмæ гæсгæ, 13-æм æнусы йæ ус-паддзах Тамарæ лæварæн æрбарвыста ирон хæххон хъæумæ, чырыстон дин кæй райстой, уый фæдыл. 18-æм æнусы кæрон  цалдæр ирыстойнаг бинонтæ æндæр ранмæ ралыгъдысты, æмæ дзуарыныв раластой семæ. Сæ уæрдон æрлæууыд Мæздæджы раз, æмæ дзы хсæвы цыдæр рухс цæуын райдыдта. Уыцы бынаты арæзт æрцыд кувæндон, фæстæдæр та аргъуан. Революцийы рæстæг сæфт æрцыд. Ныртæккæ та ис Мæздæджы аргъуаны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania