филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:30 воскресенье, 01 февраля 2026
12 ноября 2021, 12:31
Сергей Меняйло аргъ скодта Дзæуджыхъæуы æмæ Черменыхъæуы социалон объектты арæзтадæн

абæрæг кодта Рахизфарсы районы завод «Автоспецоборудование» дæр

РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло аргъ скодта Дзæуджыхъæуы æмæ Черменыхъæуы социалон объектты арæзтадæн. Бабæрæг кодта Рахизфарсы районы завод «Автоспецоборудование» дæр. Черменыхъæуы 360 бынатæн скъола арæзт цæуы, национ проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ. Эксплуатацийы йæ ратдзысты афæдзы кæрон. Проектмæ гæсгæ объект у æртæ хайæ, фæлæ сæ иу кæнынц бацæуæнтæ. Ис дзы спортивон фæзтæ, хъармгæнæн, машинæты æрлæууæн. Скъолайы территори дæр уыдзæн æхгæд æмæ аивгонд. Ныртæккæ аразджытæ архайынц мидæгæйы. Агъуыстытæ ифтонг кæнынц кусæнгрæзтæй. Сергей Меняйло йе ргом аздæхта ахуыргæнæндоны æдасдзинадмæ. Бахæс кодта хъахъхъæнынады æппæт мадзæлттыл бакусын, цæмæй объект уыцы хъуыддаджы зæрдæхсаинаг ма уа, уый тыххæй. Республикæйы Сæргълæууæг ма бæстонæй йæ цæст дары Дзæуджыхъæуы 280 бынатæн сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтадмæ дæр. Куыстытæ цæуынц фæстиатимæ. Ацы объект та арæзт цæуы национ проект «Демографи»мæ гæсгæ. Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой бæстыхæйтты арæзтады къуылымпыдзинæдтыл. Сергей Меняйло дзуапдæттæг оргæнтæй бадомдта, цæмæй скъола æмæ рæвдауæндоны арæзтады хæрзхъæддзинадмæ сæ цæст дарой карзæй. Рахизфарсы районы республикæйы разамонæг базонгæ Беслæны завод  «Автоспецоборудование»-йы архайдимæ. Куыстуатæн бындур æвæрд æрцыди 1963-æм азы. Абон уадзы алыхуызон æфсæйнагæй конструкцитæ. Сæ продукци сын агурынц бæстæйы бирæ регионтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania