филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:42 воскресенье, 01 февраля 2026
25 ноября 2021, 13:36
Дзанайты Барисы разамындæй ацыдис сæрмагонд æмбырд

Дзырдтой дзы Президенты Майы указтæ æмæ хæслæвæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Хицауады хæдзары Дзанайты Барисы разамындæй ацыдис сæрмагонд æмбырд. Дзырдтой дзы Президенты Майы указтæ æмæ хæслæвæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Бæлвырддæр та æнæниздзинадхъахъхъæнынады медицинон-санитарон къабазы райрæзт æмæ сывæллæттæн хъарм лæвар хæринаг дæттыны фарстатыл.

Президенты майы указтæ куыд æххæстгонд цæуын, уый тыххæй радзырдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Куыд бафиппайдта, афтæмæй медицинон лæггæдты æмвæзад фæуæлдæр кæныны тыххæй республикæйы дæрддзæф хъæуты аразынц фелшырон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ — æдæппæтæй 36. Цæгат Ирыстоны кусы медикон-санитарон æххуысы регионалон центр. Уый æххуыс кæны 25 медицинон куыстуатæн. Республикæйы рынчындæтты пайда кæнынц электрон радæй, аразынц медицинон профилактикæйы кабинеттæ æмæ æлхæнынц мобилон медицинон комплекстæ. Скъоладзаутæн лæвар хъарм хæринаг дæттыны тыххæй хæслæвæрд куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй радзырдта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Хойраджы хæрзхъæддзинадмæ цæст дарынц сæрмагонд къамистæ, сæ хыгъды ахуыргæнинæгты ныййарджытæ, афтæмæй. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды разамонæг Тыбылты Алан куыд загъта, афтæмæй æппæт курдиæттæ æмæ хъæстытæ дæр æвзæрст цæуынц бынæтты. Регионалон бюджетæй радих кодтой 36  милуан сомы, цæмæй  фæндзæмæй иуæндæсæм кълæстæм ахуыргæнинæгтæн хæринаг лæвар дæттой, уый тыххæй. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй Президенты майы указтæ æмæ йæ иннæ хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын республикæ нымайы фыццаградон хæсыл æмæ уыцы къабазы куыст кæронмæ ахæсдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania