07 декабря 2021, 11:59
Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ
Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм тренировкæтæ арæзт цæуынц афæдз дыууæ хатты
Уæрæсейы гвардийы, Æдасдзинады Федералон Службæйы æмæ æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ архайдтой сæрмагонд ахуырты. Сæ фæлтæрддзинадыл æфтыдтой теракты рæстæг раст архайынæй. Ахырадон тренировкæтæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм тренировкæтæ арæзт цæуынц афæдз дыууæ хатты. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, ведомствæты кусджытæ амынæты уæвæг адæмы суæгъд кодтой, æмæ колледжы территорийы ахуыссын кодтой зынгсирвæзт.




