филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:19 вторник, 16 декабря 2025
15 декабря 2021, 12:26
Дагомы рацарæзты фæстæ байгом рагон кувæндон

Куыстытæ йыл цыдысты, Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы сбæрæг кæныны программæмæ гæсгæ

Дагомы рацарæзты фæстæ байгом рагон кувæндон. Куыстытæ йыл цыдысты, Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы сбæрæг кæныны программæмæ гæсгæ. Объект байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Дагомæй рацæуджытæ. Рæстæджы цыдимæ кувæндон заууатмæ æрцыди. Йæ къултæ йæ царимæ ныккалдысты.  Реставратортæ йын сног кодтой йæ сæр, сæвæрдтой дзы хъæдын дуар, дурын быру, алцыдæр сарæзтой, рагон къамтæ æмæ ардыгæй рацæуджыты мысинæгтæм гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Дагомы хъæуæй рацæуджытæ кæсынц реставрацигонд кувæндонмæ.  Бынаты æгъдæуттæ фæлтæртæм хæссæг хистæртæ нæ уромынц, фенд сконд куыстытæй, сæ удты цы æнкъарæнтæ æвзæры уыдон. Алцыдæр арæзт æрцыд хæрзмыггаг хъæдæрмæгæй, уыимæ раздæры къамты куыд уыд, стæй йæ фыдæлтæ куыдæй бахъуыды кодтой, уыцы хъуыддæгтæ хынцгæйæ. Хистæрты зæрдæмæ алцыдæр фæцыд, æмбæлы скувын йæ сцалцæгыл.

Рæстæджы цыдимæ объект фехæлд. Йæ къултæ æмæ йæ цар ныккалдысты. Се сног кæныныл биноныгæй архайд æрцыд.

Æппæтæй зындæр уыд саразын дурын быру. Цæмæй йæ раздæры хуыз райса, уымæй иу дур иннæйы сбадын кæнын хъуыд. Кæд ма ныртæккæ  куыстытæ кæм конд æрцыдысты, уый бæрæг дары, уæддæр рæстæгмæ быру йæ хуыз равдисдзæн.

Ахæм лæмбынæг арæзтадон куыстытæ бакæнынæн канд аразæг нæ хъæуы, фæлæ историк – реставратор. Кувæндон сног кæныныл бацархайдта Байсогъуырты Мухтар. Специалистæн бантыст бæстыхайæн йæ рагон хуыз радтын.   Канд ма къултæ цæмæй ссæрстой, уыцы æрмæгмæ дæр бафтыдтой , сæдæ азтæ чи нæ фехæлд, уыцы амæдтытæ цæмæй конд уыдысты ахæм хъацæнтæ.

Ныр, зæгъæн ис Дагомæй рацæуджытæн кæй ис сæ фыдæлты историйы ратæдзæны бынаты æвдисæндар.

Алы аз дæр октябры Дагомы фæбæрæг кæнынц  Заронд Лæгты Дзуары бон.  Бынæттон цæрджытæй уырны, иннæ аз æй уæрæхæй кæй сбæрæг кæндзысты ног арæзт кувæндоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania