филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:08 вторник, 16 декабря 2025
20 января 2022, 12:54
Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой Доныскъæфæнтæ

Афтæмæй чырыстæттæ æрымысынц диссаджы цау – Чырыстийы дзуарæвæрд Иорданы цæугæдоны

Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой Доныскъæфæнтæ. Афтæмæй чырыстæттæ æрымысынц диссаджы цау – Чырыстийы дзуарæвæрд Иорданы цæугæдоны. Æхсæвы адæм сæхи цынадтой Тæмисчъы, Фыййагдоны, Мæздæджы, Æрыдоны, æмæ Бирæгъзæнджы дæтты. Æнæхъæн бон аргъуанты цæудзысты бæрæгбоны аргъуыдтытæ. Адæм цыдысты аргъуантæм, куывтой хуыцаумæ, куырдтой æнæниздзинад, семæ хастой сыгъдæг дон. Нæ республикæйы цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта Сергей Меняйло. Се ппæтæн дæр йæ зæрдæ загъта уды фидардзинад æмæ æнæниздзинад. Сыгъдæг бæрæгбоны тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Доныскъæфæнтæ ногфæдзæхсты историйы у сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу. Уыцы бон Йесо Чырыстийыл саргъуыдтой Иорданы цæугæдоны. Евангелийы куыд фыст у, афтæмæй уæд, уæларвæй фехъуыстæуыд, Йесо Чырысти Хуыцауы фырт кæй у, уый. Бæлоны хуызы йæм æртахти сыгъдæг уд. Дыууæ сахаты Хуыцаумæ скуыд æмæ аргъуыд уырнæг адæмы иудзинадыл дзурæг. сылгоймæгты моладзандоны адæмæй къух бакæнæн нæй.

Æртытæй фæндаг æмæ мингай мыдадзын цырæгътæ адæймаджы кæнынц цадмæ. Афтæмæй райдыдта дзуæрттимæ цыд. Зæлы Хуыцаумæ скуывд, йæ сæйраг мидис адæмы иудзинад æмæ чырыстон динмæ уарзондзинад.

Доныскъæфæнты хъызт уазæлттæ нæ баурæдтой уырнæг адæмы, æмæ бирæтæ донмæ ныххызтызты сæхиуыл дзуæрттæ бафтаугæйæ. Моладзандоны цады сыгъдæг саргъуыды архайдтой сæдæгай адæмтæ. Фыццаг сыгъдæг доны йæ цынадта Бекъойты Сæрмæт. Куыд зæгъы, афтæмæй ихджын дон адæймаджы кæны ноджыдæр разæнгарддæр, æмæ йын цыдæр тых дæтты. Доныскъæфæнты йæ бафæндыд ацы моладзандоны сбæрæг кæнын. Бирæ адæмæн ацы бынæтты улæындæр æнцондæр вæййы. 

Роза Невская сылгоймæгты моладзандонмæ ссыди Кæсæг-Балхъарæй. Дыккаг аз доныскъæфæнтыл æмбæлы ам, Ирыстоны. Розæйы ныхæстæм гæсгæ  ихджын донмæ ныххизыны размæ скувы Хуыцаумæ, æмæ йын уæд вæййы бирæ æнцондæр.

Донысъæфæнты уазæлттæй нæ фæтарстысты нæ хистæр кары адæм, нæ сабитимæ ныййарджытæ дæр. Хи батавæн кæм ис, ахæм арт. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы хохаг кæрдæджытæй цай. Хи цынайыны фæстæ адæм нæ ацæуынц. Иууылдæр фенхъæлмæ кæсынц бæрæгбоны фейерверкмæ.

Бæрæгбоны аргъуыд къниаз Дмитрий Донскойы номыл чысыл аргъуаны цур ацыди 58-æм æфсады службæгæнджытæн дæр. Чырыстон салдаттæ йæм æнхъæлмæ кастысты 5 азы. Ныр сын хуыцаумæ скувыны тыххæй къазарматы фæтк къуылымпыдзинæдтæ нал æвзæрын кæндзæн.

Сыгъдæг дæтты хи цынайын ацы аз бафæндыди 80 æфсæддоны æмæ сæ бинонты. Бирæтæ ацы мадзалы архайдтой фыццаг хатт. Кæмæндæрты та у æрвылазон традици.

Сыгъдæг доны тых бирæ æфсæддонтæ сæхиуыл банкъардтой куыддæр донæй схызтысты, афтæ.

Уазал доны ныххизын адæймаджы буарæн æнцон нæу, уæлдайдæр та уæлдæфы температурæ ныллæг куы уа, уæд. Уымæ гæсгæ цадты цур рад хастой дохтыртæ. Æфсæддонтæн дæр бацæттæ кодтой тæвд цай æмæ лауызтæ.

Бæрæгбоны дзæнгæрджытæ азæлыдысты æнæхъæн республикæйыл. Æппæт аргъуанты дæр ацыди хуыцаумæ скуывды кадджын литургийæтæ. Адæм куывтой, сыгътой мыдадзын цырæгътæ æмæ æмбырд кодтой сыгъдæг дон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania