Боны фæткмæ гæсгæ сын уыд цалдæр мадзалы
Вице-премьертæ Тугъанаты Ларисæ æмæ Бокоты Эльбрус кусæг балцы уыдысты Алагиры районы. Боны фæткмæ гæсгæ сын уыд цалдæр мадзалы. Фыццаджыдæр фембæлдысты бынæттон цæрджыттмæ, байхъуыстой сын сæ лыггæнинаг фарстатæм. Афтæ, зæгъæм, банывыл кæнын хъæуы дон æмæ хъармдæттæг системæйы куыст. Уымæй дарддæр бакусын хъæуы Алагирмæ бацæуæныл дæр. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæстондæр кусæг балцы тыххæй.
Алагиры цы лыггӕнинаг фарстатӕ ис, уыдон бар дарынц ӕгас республикӕмӕ. Доны ӕмӕ хъармы хызты уавӕр, скъолатӕ ӕмӕ спортивон комплекстӕ, горӕты ӕхсӕнадон бынӕтты аивдзинад. Уыцы фарстатӕн сӕ сӕйрагдӕр ныртӕккӕ у доныхызты уавӕр.
Алагиры цы хъармгӕнӕнтӕ ис, уыдоны бынаты ӕвӕрд ӕмӕ уавӕр дзуапп нӕ дӕтты нырыккон домӕнтӕн. Ӕгӕр ӕнгом лӕууынц хӕдзӕрттӕм, ӕмӕ уый та ӕдас нӕу. Хъармгӕнӕнтӕ хъӕуы дарддӕр ахӕссын, кӕртыты рдӕм. Афтӕ скодтой Алагиры микрорайонтӕй иуы тӕрхондоны бардзырдмӕ гӕсгӕ. Ныртӕккӕ йӕ бӕсты лӕууы ног хъармгӕнӕн, фӕлӕ уый дӕр хъӕуы баивын.
Нырыкелн хъармгӕнӕнтӕ ӕххӕссынц ӕртӕ-цыппар хӕдзарыл, сты ӕнцонархайд ӕмӕ зынгӕ фидардӕр. Сӕвӕрдзысты сӕ Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады фонды рацарӕзты программӕмӕ гӕсгӕ, сӕрмагонд кредиты фӕрӕзтӕй. Ацы азы кӕронмӕ фӕнд кӕнынц горӕты хъармы объектты рацарӕзт. А дыууӕ боны та проект сфидар кӕндзысты федералон центры.
Кусӕг балцы рӕстӕг Бокоты Эльбрус цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады министр Таматы Майран ӕмӕ районы разамындимӕ ӕрдзырдтой доны фарстатыл. Вице-премьер бабар кодта, цӕмӕй Тӕмисчъы суадон сбӕрӕг кӕной эксперттӕ. Кӕддӕр ацы бынатӕй дон цыдис Алагирмӕ. Ныр та хъӕуы сбӕрӕг кӕнын, поселокы дон Алагирыл азӕсдзӕнис ӕви нӕ, уый.
Алагир цӕмӕй донӕй баххӕст кӕной, уый тыххӕй хъӕуынц ноджыдӕр суадӕттӕ. Ныр та нуазыны дон нӕ фаг кӕны. Тагъд рӕстӕг Уӕллаг Фыййагдонӕй рауаддзысты хӕтӕл ӕмӕ сцалцӕг кӕндзысты мидӕггаг доныхызтӕ.
Ахӕм уӕззау уавӕр сӕвзӕрд Алагиры скъолаты дӕр. Сеппӕтдӕр домынц рацарӕзт. Бокоты Эльбрус куыд загъта афтӕмӕй фарста йӕ бынатӕй базмӕлдзӕн, районы разамынд алы объектӕн дӕр хицӕн проект куы сараза, уӕд. Хицауады сӕрдары хӕдивӕг профилон ведомствӕтӕн бабар кодта, цӕмӕй баххуыс кӕной районы разамындӕн уыцы куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынмӕ.




