филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 суббота, 31 января 2026
31 января 2022, 11:55
Хуссар æфсæддон зылды артиллеристтæ скуынæг кодтой сæ ныхмæлæууæджы

Пайда кодтой минометтæй «Тюльпан»

Хуссар æфсæддон зылды артиллеристтæ скуынæг кодтой сæ ныхмæлæууæджы. Пайда кодтой минометтæй «Тюльпан». Ахæм уыд æфсæддон ахуырты легендæ. Арæзт æрцыдысты Тарскæйы полигоны.  Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æмбырдты рæстæг службæгæнджытæ сæххæст кодтой цалдæр ахсджиаг хæслæвæрды. Фыццаджыдæр маскировкæ кодтой сæхи æмæ сæ техникæ, æмæ афтæмæй архайдтой æфсæддон хæстæ æххæст кæныныл. Æхстой мысантæ 20 километры дæргъæн. Ракетон æмæ артиллерион æфсæдты дæлхайæдты æмбырдтæ цæуынц Цæгат Ирыстоны, Цæцæны æмæ Дагестаны республикæты полигонты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania