филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:59 суббота, 31 января 2026
03 февраля 2022, 14:00
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ Цæнгæт хиды цалцæг

Базылдысты къахвæндаджы зонæмæ, сцалцæг кодтой аразгæ конструкцитæ стæй бырутæ дæр

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ Цæнгæт хиды цалцæг. Базылдысты къахвæндаджы зонæмæ, сцалцæг кодтой аразгæ конструкцитæ стæй бырутæ дæр. Уымæй дарддæр ма сæвæрдтой рухсгæнæнтæ. Чкаловы уынджы та кæронмæ æрхæццæ сты хидмæ базилыны бæстон куыстытæ. Дзæуджыхъæуы администрацийæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй конструкциты техникон уавæрмæ цæстдард æнæмнг хъæугæ у, канд хидты эксплуатаци фæдæргвæтиндæр кæныны тыххæй нæ, фæлæ ма афтæмæй куыст цæуы нæ республикæйы сæйраг горæты эстетикон хуызыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania