филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 суббота, 28 сентября 2024
17 февраля 2022, 11:17
Дзæуджыхъæуы 24-æм скъола архайы хойраджы комбинаты æмæ ахуырады управленийы эксперименты

10 боны дæргъы сæрмагонд сайты ныййарджытæ æвæрдзысты меню сæ сывæллæттæн

Дзæуджыхъæуы 24-æм скъола архайы хойраджы комбинаты æмæ ахуырады управленийы эксперименты. 10 боны дæргъы сæрмагонд сайты ныййарджытæ æвæрдзысты меню сæ сывæллæттæн. Уыцы хъуыддаджы æнцой кæнынц сывæллæтты фæндоныл. Эксперименты архайынц æрмæстæдæр фыццаг рады чи ахуыр кæны, уыцы сывæллæттæ. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Бæлвырддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Фыццӕгӕмкъласон Мӕхъиты Аланӕ аходӕн ӕрвылбон скӕны скъолайы. Хӕрӕндонмӕ цӕуы зӕрдиагӕй. Хӕрзад хӕринаг бафтауы сабийы тыхтыл, стӕй йӕ разӕнгард кӕны ног ӕнтыстдзинӕдтӕм. Раздӕр чызг нӕ зыдта, хӕрӕндоны абон цавӕр хӕринӕгтӕ уыдзӕнис, уый. Фӕлӕ йын ныртӕккӕ ис гӕнӕн аходӕн рагагъоммӕ равзарынӕн. Аланӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй хӕринаджы миниуджытӕм фау ӕрхӕссӕн нӕй.

Мӕнӕуы кас кӕнӕ та макъаронтӕ дзидзайымӕ – ӕвзарынц ныййарджытӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ногдзинад ма фӕзына хӕринаджы хӕрзхъӕддзинад ӕмӕ температурӕйыл. Дзӕуджыхъӕуы 24 скъола архайы хойраджы комбинат ӕмӕ ахуырады управленийы эксперименты. Дӕс боны дӕргъы сӕрмагонд сайты ныййарджытӕ ӕвӕрдзысты меню сӕ сывӕллӕттӕн. Уыцы хъуыддаджы ӕнцой кӕнынц сывӕллӕты фӕндоныл. Эксперимент фӕрӕстмӕ – сывӕллӕттӕ зӕрдиагӕй хӕрынц сӕ аходӕн ӕмӕ тӕбӕгъты уӕлдай нӕ уадзынц.

Уый удӕнцой у ӕппӕт ныййарджытӕн дӕр. Зонынц ӕй, сывӕллон ӕххормагӕй нӕ баззайдзӕн, ӕмӕ бахӕрдзӕн, раздӕр фидаргонд чи рцыд, ахӕм менюмӕ гӕсгӕ хӕринаг. Комбинаты нымайынц сывӕллӕтты фӕндон. Исты хӕринаг скъоладзауты 10 проценты куы нӕ равзарынц, уӕд ӕй сисынц менюйӕ.

Цӕмӕй тӕвд хӕринаг дӕттыны хъуыддаг ног, уӕлдӕр ӕмвӕзадмӕ ракӕной, уый тыххӕй ныййарджытӕн сараздзысты социологон ӕрфарст.

Алыхуызон меню кӕмӕн ис, уыцы сывӕллӕттӕн фынг ӕрӕвӕрын ӕнцон нӕу. Ацы хатт хӕрӕндоны кусджытӕн ӕххуыс кодтой хойраджы комбинаты специалисттӕ. Уыдон цӕст дардтой, цӕмӕй иу сывӕллон дӕр ӕххормагӕй ма баззайа, стӕй цӕмӕй хӕринаг уа тӕвд ӕмӕ хӕрзад.

Эксперименты архайы ӕрмӕстдӕр фыццӕгӕм сменӕ. Фӕстӕдӕр ын хъуамӕ йӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Эксперимент куы фӕрӕстмӕ уа, уӕд ӕй бафӕлвардзысты дыккӕгӕм сменӕйыл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania