филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:07 суббота, 31 января 2026
25 февраля 2022, 12:28
Зынгсирвæзтыты ныхмæ тактикон ахуыртæ арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы базарадон-ирхæфсæн центртæй иуы

Ахуыртæ ацыдысты фыццаг уæладзыджы дуканитæй иуы

Зынгсирвæзтыты ныхмæ тактикон ахуыртæ арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы базарадон-ирхæфсæн центртæй иуы. Ахуыртæ ацыдысты фыццаг уæладзыджы дуканитæй иуы. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ ам æрцыд зынгсирвæзт. Арт апарахат 10 квадратон метры фæзуатыл. Кусджытæ бæлвырд æмæ раст кæй архайдтой, уымæ гæсгæ сын бантыст цыбыр æмгъуыдмæ 500 адæймаджы тæссаг ранæй ракæнын. Фæлæ иу адæймаг баззад æхгæд бæстыхайы, æмæ йæхи бон рацæуын нæ баци. Фыццаг зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ æрбацыдысты 4 минуты фæстæ. Цыбыр æмгъуыдмæ сын бантыст хъыгдардбаййафæджы ссарын æмæ йæ уынгмæ ракæнын. Уыцы-иу рæстæг ахуыссын кодтой арт. Куыстытæ цыдысты мидæгæй æмæ алфамбылай территорийы дæр. Ахуырты разамонджыты хъуыдымæ гæсгæ, зынгхуыссынгæнджытæ сæ хæстæ сæххæст кодтой куыд æмбæлы, афтæ. Архайдтой тагъд æмæ арæхстджынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania