филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 вторник, 03 ноября 2026
22 марта 2022, 16:53
Красногоры цæрджытæ равзæрстой сæ хъæуы ног хицауы

Хъæлæсты 64% райста Цомайты Марат

Красногоры цæрджытæ равзæрстой сæ хъæуы ног хицауы. Уыцы бынатмæ цыди 4 кандидаты: Магкоты Эльбрус — парти «Иугонд Уæрæсе»-йæ, Кортиаты Зæринæ — Уæрæсейы либералон демократон партийæ, стæй ма сæхæдæг сæ кандидатурæтæ чи балæвæрдта, уыдон — Цомайты Марат æмæ Хæуытаты Сæрмæт. Æвзæрстытæ цыдысты, æмгъуыдæй раздæр. Уымæн æмæ хъæуы раздæры сæргълæууæг Баситы Владислав йæ бартæ систа æмгъуыдæй раздæр. Хъæлæсты 64% райста Цомайты Марат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania