25 марта 2022, 12:01
Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта, æнæнхъхъæлæджы цаутæй Трансакам бахъахъхъæныны тыххæй сæрмагонд мадзæлтты комплекс афоныл бацæттæ кæнын
Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйрагдæр у бæлццæтты æдасдзинад
Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта, æнæнхъхъæлæджы цаутæй Трансакам бахъахъхъæныны тыххæй сæрмагонд мадзæлтты комплекс афоныл бацæттæ кæнын. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйрагдæр у бæлццæтты æдасдзинад. Республикæйы разамонæг цы æмбырды архайдта, уым бæстонæй æрныхас кодтой зæйтæй бахъахъхъæныны мадзæлтты куыд æххæстгонд цæуынц ууыл. Разамынд ын лæвæрдта фæндæгты федералон агентаты сæргълæууæг Андрей Самарьянов.




