филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:08 суббота, 31 января 2026
30 марта 2022, 11:35
Цæгат Ирыстоны делегаци архайдта экономикæйы уавæр санкциты рæстæг фæфидардæр кæныны форум «Северный Кавказ 2022»-йы

Мадзал ацыди Пятигорск

Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы хицауады сæрдар Дзанайты Барис, афтæмæй архайдта экономикæйы уавæр санкциты рæстæг фæфидардæр кæныны форум «Северный Кавказ 2022»-йы. Мадзал ацыди Пятигорскы. Форумы архайдтой Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, Уæрæсейы экономикон рæзты министр Максим Решетников, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæ æмæ раззагдæр банкты æмæ финансон институтты минæвæрттæ.  Форумы фæлгæты арæзт æрцыдысты бизнес-æхсæнадимæ фембæлдтытæ. Ныхас цыди промышленносты, арæзтады æмæ транспорты стæй хъæууон хæдзарады къабæзтæн санкциты уавæры баххуыс кæныны мадзæлттыл. Дзанайты Барис ма архайдта регионы экономикон уавæр фидардæр кæныны æмбырды Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты минæвæрттимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania