филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:49 воскресенье, 01 февраля 2026
30 марта 2022, 11:37
Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц сывæллæтты æмæ фæсивæды хсæн курдиатджын минæвæрттæ æргом кæнын, æмæ сын æххуыс кæныны республикон центр «Вершина» байгом кæнын

Ахуыргæнæндоны советы фыццаг æмбырдæн разамынд лæвæрдта Сергей Меняйло

Ацы азы сентябры Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц сывæллæтты æмæ фæсивæды хсæн курдиатджын минæвæрттæ æргом кæнын, æмæ сын æххуыс кæныны республикон центр «Вершина» байгом кæнын. Ахуыргæнæндоны советы фыццаг æмбырдæн разамынд лæвæрдта Сергей Меняйло. Цæгат Ирыстон ацыди курдиатджын сывæллæттимæ кусынæн уникалон нырыккон фæз байгом кæныны рухстауынады министрады æвзарæн тур. Уыдзæни Сочийы ахуырадон центр «Сириус»-ы хуызæн. Ацы проект царды рацæудзæн, национ проект «Ахуырад»-ы æмæ федералон проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад»-ы фæрцы. Министр Алыбекты Эллæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй центр «Вершина»-йы архайд арæзт цæудзæн алыхуызон форматтæй, уыимæ, уæлæмхасæн ахуырады программæты, ахуырадон æмбырдты æмæ афæдзы дæргъы регионалон профилон радты хуызы. Сæйрагдæр къабæзтæ – «Аивад», «Наукæ», «Спорт». Фылдæр æргом дзы здæхт цæудзæн адæймаджы алывæрсыг рæзтмæ. Ахуыртæ дзы цæудзысты лæвар. Центр кусдзæн Дзæуджыхъæуы 12-æм скъолайы бындурыл. Ныртæккæ кусынц дыууæуæладзыгон уæлæмхасæн объекты арæзтады проектыл, бынат дзы уыдзæнис 50 сывæллонæн. Центры разамонæгæй нысангонд æрцыди Вардашаты Зæлинæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania