01 апреля 2022, 11:28
Цæгат Ирыстоны æхгæд æрцыди, рекламæ æмæ наркотиктæ ауæй кæныны информаци кæм парахат кодтой, ахæм 561 информацион фæзы
Уый тыххæй, Парламенты æмбырды фехъусын кодта республикæйы мидхъуыддæгты министр Андрей Сергеев
Цæгат Ирыстоны æхгæд æрцыди, рекламæ æмæ наркотиктæ ауæй кæныны информаци кæм парахат кодтой, ахæм 561 информацион фæзы. Уый тыххæй, Парламенты æмбырды фехъусын кодта республикæйы мидхъуыддæгты министр Андрей Сергеев. Ивгъуыд азы æнæзакъон зилдухы æрцахстой наркотикты 52 кг. Ведомствæйы 2021-æм азы куысты хатдзæгтæн специалисттæ скодтой аргъ. Афтæ, статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны дзуапдæттæг ведомствæтæн сæ къухы стыр æнтыстдзинæдтæ бафтыд фыдракæндтæ гом кæныны хъуыддаджы. Парламенты дыккаг бакасты ма депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой республикæйы бюджеты закъоны проект 2023-æм æмæ 24-æм азтæн.




