филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:30 суббота, 31 января 2026
07 апреля 2022, 11:56
Ацы аз, национ æмæ федералон проекттæ æххæст кæнгæйæ, нæ республикæйы арæзт æмæ бындурон цалцæггонд æрцæудзысты 100 объекты

Подрядон организациты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй санкцитæ нæ фæбæрæг уыдзысты объекттæ эксплуатацийы раттыны æмгъуыдыл

Ацы аз, национ æмæ федералон проекттæ æххæст кæнгæйæ, нæ республикæйы арæзт æмæ бындурон цалцæггонд æрцæудзысты 100 объекты. Подрядон организациты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй санкцитæ нæ фæбæрæг уыдзысты объекттæ эксплуатацийы раттыны æмгъуыдыл. Уый хыгъд рæзы арæзтадон æрмæджыты аргъ. Цæгат Ирыстоны арæзтады æмæ архитектурæйы министрады уый фæдыл уыд цалдæр æмбырды. Ныхас дзы цыд профилон къабазы кризисы ныхмæ мадзæлттыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Дзæуджыхъæуы рагондæр скъолатæй иуы дарддæр цæуы рацарæзт. Сæйраг корпусы арæзтад цæуы пъланмæ гæсгæ. Дзæуджыхъæуы иуæндæсæм скъолайы сæйраг бæстыхай нымад у культурон бынты объектыл. Уый у Николай Гоголы номыл раздæры сылгоймæгты училище. Байгом 1906 азы. Бæстыхайæн бахъахъхъæндзысты йæ æддаг бакаст. Афтæ фæнд кодтой объекты чи архайы, уыцы архитектортæ.

Гæдзæуты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, арæзтадон æрмæджыты аргъ кæй сырæзт, уый фæзындзæн объекты аргъыл дæр. Цæмæй паддзахадон контракт æмæ сметæмæ ногæй æркæсой, уымæн хъæуы рæстæг. Зынаргъдæр кæны æфсæйнаг, хъæдæрмæг, пъолæмбæрзæн æрмæг.

Æдæппæтæй ацы аз национ æмæ федералон программæты фæрцы нæ республикæйы сараздзысты æмæ сцалцæг кæндзысты сæдæ объекты. Уыдонимæ Горæтгæрон районы сæйраг поликлиникæ дæр. Уым ныртæккæ кæронмæ æрхæццæ кæны рацарæзт, æрмæстдæр ма хъæуы алыварс территори саив кæнын.

Подрядчик Джиоты Константин куыд зæгъы, афтæмæй санкциты тыххæй кæд æргътæ сырæзтысты, уæддæр уый объекттæ радтыны æмгъуыдыл нæ фæзындзæн. Æппæт арæзтадон æрмæджытæ æлхæд æрцыдысты рагагъоммæ.

Цалцæджы фæстæ ам фæзындзæнис дыууæ уæзласæн лифты. Ис дзы сывæллæтты хайад дæр, кæцы бар нæ дардзæн хистæрты поликлиникæмæ. Медицинон куыстуат бон лæггад кæндзæн æхсæзсæдæ адæймагæн. Уыдзæнис дзы тæккæ ногдæр ифтонгарз æмæ боныгон стационар. Фыццаг уæладзыджы та уыдзæнис фæлладуадзæн бынат æмæ интернет.

Æфсæйнагæй продукцийы аргъ фæстаг рæстæг фæкъаддæр. Уæрæсейы арæзтады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, мартъийы æрмæджыты аргъ фæкъаддæр дæс проценты. Афтæмæй фæасламдæр арматурæ æмæ æндонæй сыфтæ. Уыцы иу рæстæг æртæ æнæхъæны æмæ фондз дæсæм хай проценты фæфылдæр ис фæндаг кæмæй аразынц, уыцы писийы аргъ, царæмбæрзæн æрмæг та сырæзт æхсæрдæс проценты.

Арæзтады æмæ архитектурæйы министрады ацыдис цалдæр æмбырды. Аразджытæ æмæ подрядон куыстуæтты минæвæрттæ дзырдтой къабазы архайдыл санкциты уавæры. Бæлвырд æркастысты фарсхæцты мадзæлттæм дæр. Куыд сбæрæг афтæмæй арæзтадон æмæ проектон компанитæн дæттынц æфстæуттæ компенсацион фондты хардзæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æргъты рæзт нæ фæкъуылымпы кæндзæн социалон-вазыгджын объектты арæзтад. Ног сывæллæтты рæвдауæндæтты, скълаты æмæ поликлиникæты проекттæ æххæстгонд æрцæудзысты афойнадыл æмæ куыд æмбæлы, афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania