Уый тыххæй организацион комитеты æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Дмитрий Чернышенко
Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилей уыдзæни афæдзы стырдæр культурон цаутæй иу. Уый тыххæй организацион комитеты æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Дмитрий Чернышенко. Æмбырды архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Сæйрагдæр мадзæлттæ ацæудзысты 24-æм æмæ 25-æм сентябры. Нысан кæнынц 10 егъау мадзалы сæххæст кæнын. Хицауады сæрдары хæдивæг фæнысан кодта, ахсджиаг у, кадджын бæрæгбоны агъоммæ профилон объектты арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнын. 11 дзы ныридæгæн рацарæзтой ногæй. Куыстытæ ма цæуынц 4 объекты. Сентябры фæнд кæнынц федералон музейты стыр равдыстыты проекттæ саразын. Уыдзæн ма дзы бæрæгбоны стыр концерт, дзæнгæрджытæй цæгъдыны фестиваль æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Ацæудзæн ма 5 спортивон мадзалы дæр. Сергей Меняйло арфæ ракодта, Аланийыл саргъуыды 1100 азы бон сбæрæг кæнынмæ йе вæрæн чи хæссы, уыдонæн се ппæтæн дæр.




