17 мая 2022, 10:43
Уыимæ Дзæуджыхъæуы йæ тæмæны бацыд фæндæгтæ аразæн-цалцæггæнæн сезон
ЦУМы раз ма ног кæнынц трамвайты фæндаг дæр
Уыимæ Дзæуджыхъæуы йæ тæмæны бацыд фæндæгтæ аразæн-цалцæггæнæн сезон. ЦУМы раз ма ног кæнынц трамвайты фæндаг дæр. Мартъийæ фæстæмæ æхгæд æрцыдысты горæты центры транспорты цалдæр фæндаджы. Къостайы проспекты Нальчикскийы уынгæй – инæлар Плиты Иссæйы уынджы онг, стæй Баййаты Гаппойы уынджы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, зæронд рельсыты уавæр уыд тæссаг куыд бæлццæттæн, афтæ транспортæн йæхицæн дæр. Фыццаг уал банывыл кæндзысты трамвайты фæндæгтæ. Рацарæзтæн радих кодтой 150 милуан сомы. Куыстытæ фæуыдзысты августы кæронмæ.




