филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 суббота, 31 января 2026
14 июня 2022, 13:12
Альпинизм æмæ къæдзæхтыл хизыны тыххæй радзырдтой ахуырады центр «Интеллект»-ы хъомылгæнинæгтæн

Архайдтой дзы 250 сывæллоны – центры дзæбæхгæнæн сæрдыгон лагеры сæ фæллад цы скъоладзаутæ уадзынц, уыдон

Альпинизм æмæ къæдзæхтыл хизыны тыххæй радзырдтой ахуырады центр «Интеллект»-ы хъомылгæнинæгтæн. Зонгæгæнæн ахуыртæ сарæзтой альпизимы, къæдзæхтыл хизыны федерациты, æмæ ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпусы республикон хайады минæвæрттæ. Архайдтой дзы 250 сывæллоны – центры дзæбæхгæнæн сæрдыгон лагеры сæ фæллад цы скъоладзаутæ уадзынц, уыдон. Бацæттæ сын кодтой 4 сæрмагонд бынаты – дыууæйы сывæллæттæ хызтысты алыхуызон ахизæнтыл, радзырдтой ма сын туристон ифтонггæрзты тыххæй, стæй равдыстой палаткæ куыд арæзт у, уый. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй ацы зонындзинæдтæ скъоладзаутæн фидæны уыдзысты пайдайаг.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania