Сæхи ныхæстæм гæсгæ сæйрагдæр у зонындзинæдтæм тырнын, æмæ хи хъарутыл æууæндын
Цæгат Ирыстоны 23 рауагъдоны Иумæйаг паддзахадон фæлварæны райстой фæйнæ 100 баллы. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, физикæ æмæ хими… Ацы æмæ æндæр предметтæ иттæг хорз базыдтой скъоладзаутæ. Сæхи ныхæстæм гæсгæ сæйрагдæр у зонындзинæдтæм тырнын, æмæ хи хъарутыл æууæндын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъатмазты Дзерассæ.
Яна Григориадийы фæнды юрист суæвын. Æмæ йын ис ахæм фадат. Рауагъдон фæлварæнæй райста сæдæ баллы. Æппæтæй уæлдæр баллтæ йæ бон райсын сси иумæйаг Паддзахадон фæлварæны дыууæ предметæй. Яна куыд зæгъы, афтæмæй гуманитарон наукæтæ кæдфæндыдæр æнцонæй æмбæста.
Репетитортæ æмæ æппынæдзух чингуытимæ куыст. Янæ зæрдиагæй радзырдта æнтыстыты сусæгдзинæдтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй иумæйаг Паддзахадон фæлварæны руаджы хъæугæ аргъ скæнæн ис скъоладзауты зонындзинæдтæн. 4 фæлварæны фесты. Ахуыры аз кæронмæ æрхæццæ æмæ ныр ралæууыд æмкъласонты æмбырды афон. 11 азы кæй фесты, æмæ йæ йæ уарзон скъолайæ ацæуын кæй хъæуы, ууыл Янæ хъуыды кæны цæстысыгимæ.
Республикæйы физикон-математикон лицей-интернаты рауагъдон Дзанайты Софья 2 боны размæ базыдта, литературæйы фæлварæнæй 100 баллы кæй райста, уый. Æнхъæлмæ ма кæсы æхсæнадзонынады хатдзæгтæм. Фæлварæнтæ фесты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ бацæуын хъæуы бæстæйы æппæтæй хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, фæлæ кæцымæ, уый нырмæ нæ равзæрста.
Фидæны журналист куыд зæгъы, афтæмæй йын иумæйаг Паддзахадон фæлварæн сси йæ царды ахсджиагдæр цаутæй иу. Фыццаг фæлварын уыд зын. Аудиториты сабырдзинад, стæй, бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы билет. 4 сахаты æмæ рдæг фесты цæстыфæныкъуылдмæ.
Рауагъдонтæ ма цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц 3 предметы хатдзæгтæм. Æппæт фæлварæнты баллтæ банымайын рауагъдонты бон суыдзæн июны кæрон




