Рагæй-æрæгмæ дæр æм ирон адæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты
Уацилламæ кувæн къуыри. Рагæй-æрæгмæ дæр æм ирон адæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты. Æмæ та ацы хатт дæр афтæ. Æгъдаумæ гæсгæ, æртæ чъирийы æмæ нæртон бæгæныимæ хистæртæ скувынц Хуыцаумæ, æмæ дзы фæкурынц хоры бæркад, æнæниздзинад, фарн æмæ амонд. Дæргъæвсы бæрæгбоныл куыд сæмбæлдысты, уый тыххæй радзурдзæн Хæуытаты Зитæ.
Цымыдисаг æмæ хъæздыг уыди кæддæриддæр ирон адæмæн сæ бæрæгбæтты дуне. Æвæццæгæн, Ирыстонæй фылдæр бæрæгбонтæ никæцы адæмы хатмæ разындзæн. Уыдонæн сæ фылдæр баст уыдысты афæдзы афонтимæ, иннæтæ та- адæмы уырнындзинадимæ. Хорз зыдтой ирон адæм уый дæр æмæ ис дзурттæм бакувыны хицæн бонтæ. Уыцы рæстæг дам адæймаджы куывдтæн дунейы фарн хуыздæр арфæ ракæны, уæлдай дæр та иумæйæг куывдтæн сæ тых фылдæр кæй у. Бæрæгбæттæ æнгом, æмзонд æмзæрдæдæр кодтой нæ адæмы. Бæрæгбæттæм ирон адæм кастысты бæрнонæй, лæмбынæгæй сæм сæ цæст дардтой дзырддзæугæ хистæртæ. Ахæм бæрæгбæттæй иу у- Уациллайы бон. Ахæссы къуыри. Йæ сæйраг нысаниуæг у, цы хортæ байтауынц, уыдон Хоры Уациллайыл бафæдзæхсын æмæ дзы бæрзонд хорырзад ракурын. Кæд æппæт ирон адæмæн дæр иумæйæг у, уæддæр æм фылдæр куывтой Дæргъæвсы цæрджытæ æмæ уырдыгæй рацæуæг адæм.
Сæрмагонд кувæн бынæттæм йæ бон цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ æрбацæуæн кæмæн нæу, уыдон сæ хæдзæртты бакувынц æртæ кæрдзынтæй. Ссарынц Уациллайы ном, бафæдзæхсынц ыл сæхи, сæ кæстæрты афтæмæй арвитынц бæрæгбон.




