филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 воскресенье, 01 февраля 2026
30 июня 2022, 12:19
Цæгат Ирыстоны цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, æппæт сезонты кусæг тематикон парк «Алания парк»-ы арæзтад райдайынæн

Абоны онг подрядон бадзырд фыст æрцыд электрон тыхдæттæг телтæ бауадзынæн æмæ æндæр кусæнгæрзтæ самал кæнынæн

Цæгат Ирыстоны цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, æппæт сезонты кусæг тематикон парк «Алания парк»-ы арæзтад райдайынæн. Абоны онг подрядон бадзырд фыст æрцыд электрон тыхдæттæг телтæ бауадзынæн æмæ æндæр кусæнгæрзтæ самал кæнынæн. Уымæй дарддæр кæронмæ фæхæццæ кæны проектон документацийыл куыст. Уыдонмæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты газуадзæн хызтæ, дыккаг къæпхæны та уыдызсты дондзæуæн хызтæ. Æппæт ацы куыстытæ нысан кæнынц ацы азы кæронмæ фæуын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз майы проектон документаци хорзыл банымадта Уæрæсейы паддзахадон экспертизæйы ведомство. Дзæуджыхъæуы «Цæгæр хохы» уæллаг станцæйы бæндæнджын фæндаджы райхалыны фæстæ райдайдзысты бындур æвæрын, фæлгæсæн цалхы арæзтадæн. Ацы азы кæронмæ ма «Алания парчы» нысан кæнынц къахдзоныгътыл бырæн трассæ саразын. Йæ дæргъ уыдзæн 1 километр æмæ 700 метры. Уыдзæн дзы ахуыргæнæн æмæ сæрмагондæй сывæллæттæн фæзтæ. Уымæй дарддæр тюбингы трассæ æмæ хæххон велосипедтæн маршруттæ. Æппæт сезонты кусæг тематикон объект «Алания парк» Цæгат Ирыстоны аразын райдыдтой 2020-æм азы. Ныртæккæ фæз ифтонг у æппæт æмбæлгæ инфраструктурæйæ. Бардæттæг документтæ та райстой Уæрæсейы Федерацийы Хъæды хæдзарады Фондæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania