Премьеры разамындæй цы æмбырд арæзт æрцыди, уым æрдзырдтой профилон проекттæ æмæ программæтæ царды рауадзыныл
Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис бадомдта, физкультурæ æмæ спорты рæзтыл куыст фæахадгæдæр кæнын. Премьеры разамындæй цы æмбырд арæзт æрцыди, уым æрдзырдтой профилон проекттæ æмæ программæтæ царды рауадзыныл. Цæгат Ирыстон хъæздыг у йе спортивон историйæ, нæ спортсментæ æмæ тренертæ республикæйæн кад кæнынц дунеон аренæты. Хицауад архайы, цæмæй уыцы æмвæзад дæлдæр ма рцæуа. Спорты министрадæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн бахæс кодта ацы азы кæронмæ «Цæттæ дæн спортмæ æмæ хъахъхъæнынадмæ»-йы фæлгæты сæрмагонд мадзæлтты комплекс бацæттæ кæнын. Республикæйы ма фæнд кæнынц спортмæ хистæр кары адæмы разæнгард кæнынæн уавæртæ бацæттæ кæнын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ивгъуыд азы арæзт æрцыди алы æмвæзадты 200 спортивон мадзалы. Дарддæр цæуы республикон стадион «Спартак»-ы рацарæзт. Æрыдоны кæронмæ фæхæццæ кæнынц спортивон комплексы, Южныйы поселокы та физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы арæзтад. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй мадзæлттæ бацæттæ кæнын хъæуы сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæджы фæлгæты. Ам ахсджиаг у, цæмæй æмбæлгæ уавæртæ уа, се нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сабитæн дæр.




