06 июля 2022, 12:31
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады специалисттæ бæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы хъармгæнæнты кусæнгæрзтæ
Ныридæгæн цæуынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады специалисттæ бæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы хъармгæнæнты кусæнгæрзтæ. Ныридæгæн цæуынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Ног кæнынц теплотрассæтæ дæр. Участокты куыстыты цыдмæ сæ цæст дарынц специалисттæ. Афтæ, зæгъæм инспекци бабæрæг кодта базар «Алан»-ы район, уым ивынц хæтæлтæ. Уый фæстæ, уыдысты Владикавказскийы уынджы хъармгæнæны. Уым та кусæнгæрзтæ аивтой иууылдæр, уымæн æмæ рæстæджы цыдимæ нал бæззыдысты. Æдæппæтæй фæззыгон-зымæгон сезоны республикæйы хъуамæ хъармæй ифтонггонд æрцæуой мин æмæ рдæг бирæфатерон хæдзары.




