Архайдта ма дзы Æдасдзинады Федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæн республикон управленийы хицау Александр Байков
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтимæ æмæ муниципалон скондты минæвæрттимæ æмбырд. Архайдта ма дзы Æдасдзинады Федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæн республикон управленийы хицау Александр Байков. Ныхас цыди, Уæрæсейы паддзахадон арæнтæ хъахъхъæныны мадзæлтты чи архайы, уыцы бархионты регионалон æмвæзадыл æххуыс кæныны гæнæнтыл, стæй сын сæ службæйы тыххæй льготæтæ æмæ компенсацитæ фидыны фарстатыл. Уыимæ, баххуыс кæныны хуыз æвзары регион йæхæдæг. Документы фыст куыд ис, афтæмæй регионтæн бар ис уыцы къорды адæмæн сæрмагонд бюджеттæй æххуыс кæнын. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй уæлæмхасæн фæрæзтæ фидын хъæуы адæмон дружинæтæн дæр. Уыдоны уыдзысты æрмæст паддзахадон арæнтæ хъахъхъæныны тыххæй нæ, фæлæ адæймаджы цард æмæ æнæниздзинад бафæдзæхсыны, æхсæнадон транспортæй лæвар, стæй хъалонты льготæтæй пайда кæныны тыххæй дæр, загъта Александр Байков. Уæрæсейы Хицауад ныридæгæн уыцы амынддзинæдтæ бабар кодта регионтæн. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ бакусой, республикæ йæхæдæг кæуыл аххæсдзæн, ахæм æххуысы мадзæлттыл. Хъæппæристæ иууылдæр хъуамæ уой бæлвырд æмæ ахадгæ.




