Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды регионалон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Алан
Республикæйы фæбæрæг кодтой, коронавирусæй рынчынты нымæц та гыццыл кæй фæфылдæр, уый. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды регионалон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Алан. Ивгъуыд къуыри рынчын адæймы нымæц фæфылдæр уый размæйы къуырийымæ абаргæйæ 23 адæймаджы. Уый хыгъд та рынчындонмæ адæм хауынц 46% къаддæр. Уымæй уæлдай, Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй тæвд рæстæг кæй хæссы, уымæ гæсгæ республикæйы хицæн районты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Дзæуджыхъæуы, Горæтгæрон районы уавæр у уæлдай карздæр. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы хицауад хорзыл банымадта республикæйы хъæппæрис, Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты социалон-экономикон рæзты программæ дæр.




