филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 воскресенье, 01 февраля 2026
19 июля 2022, 17:21
Сырх чиныгмæ хаст чи рцыди, уыцы Лео, Хостæ æмæ Лаурæйы рауагътой Турмоны фæдзæхст бынатмæ

Вертолетæй сæ æрбаластой Сочийы национ паркæй

Историон бынæттæм раздæхын. Сырх чиныгмæ хаст чи рцыди, уыцы Лео, Хостæ æмæ Лаурæйы рауагътой Турмоны фæдзæхст бынатмæ. Вертолетæй сæ æрбаластой Сочийы национ паркæй. Уым райгуырдысты, схъомыл сты, стæй сæ хи барæй хъæддаг æрдзы цæрыныл дæр ахуыр кодтой уым. Балвырддæр радзурдзæн Гæджиты Сослан.

Цæгат Ирыстоны æрдз «æгасцæуай» загъта ног цæрджытæн. Сæйрагдæр та сабыр ахсатдзинæдтимæ. Уый у æдасдзинады фыццаг домæн. Лео, Хостæ æмæ Лаурæйæн сæ ног хæдзармæ фæндаг æнцон нæ рауад. Иуæй Сочийæ тахтысты 2 сахаты. Иннæмæй та вольерты дæр æнхъæлмæ кастысты дзæвгар рæстæг. Ахæм уавæртæ сын зонгæ не сты. Фæлæ уый аргъ у… Ацы зындзинæдтæ конд цæуынц историон цауы тыххæй – Ахуыргæндтæ архайынц, цæмæй раззагазиаг леопардты раздахой Кавказы зæххмæ. Сырдтæн хъæддаг æрдзы сæ ног цард райдыдта Турмоны фæдзæхст бынаты.

Хи барæй цæрын райдайыны размæ, леопардты бацæттæ кодтой Сочийы национ парчы сæрмагонд центры. Апрелы Лаурæ, Хостæ æмæ Лео тест радтой, уæгъдибарæй цæрын бафæраздзысты æви нæ, уымæй. Специалисттæ сын аргъ скодтой сæ цæттæдзинадæн, стæй сæхи куыд дарынц, уымæн. Ам сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу у, базонын, цæрæгойтæ адæймаджы цур сæхи куыд дарынц, уый базонын дæр. Афæдзæй фылдæр хъæддаг сырдтæм сæ цæст дардзысты экологийы æмæ эволюцийы институты кусджытæ. Пайда кæндзысты сæрмагонд хъуырылдаргæтæ æмæ кусæнгрæзтæй, цæмæй æнæрлæугæ цæстдард цæуа леопардты хиæнкъарынадмæ.

Уæрæсейы раззагазиаг леопардты хуыз ногæй рапарахат кæныны программæйыл бакуыстой 2005-æм азы. Фæлæ, цавæдæр аххосæгтæм гæсгæ йæ тыхы æххæстæй бацыди æрмæстдæр 2016-æм азы. Уæдæй нырмæ, Кавказы эко регионмæ уагъд æрцыди 13 сырды.

Ирыстоны ныридæгæн рауагътой, сырх чиныгмæ хаст чи рцыди, ахæм 7 цæрæгойы. 2018-æм азы Волна æмæ Эльбрус уыдысты фыццаг къай. Фæстæдæр нæл леопард хæхты фесæфти, Волна территори базыдта æххæстæй, æмæ йын сси уарзон бынат. Дыууæ азы фæстæ та кавказаг хæхтæ сæ хæдзар систы Баксан æмæ Агурæйæн. Специалисттæ зæрдæ дарынц, Лео, Лаурæ æмæ Хостæ иннæ леопардтыл кæй сæмбæлдзысты, æмæ гæнæн ис ратдзысты фыццаг фæлтæр дæр.

Ирыстоны зæххытæм амæй размæ дæр цыдысты хъæддаг гæдытæ. Специалистты цæст сыл æрхæцыди ГЭС-ы камерæтæй. Раззагазиаг леопард ныр бирæ азты у республикæйы символ. Кавказаг барсы ныв ис гербыл, йæ скульптурæ йын фенæн ис Дзæуджыхъæуы. Регионæн ацы хъæддаг сырд у хæхтæ хъахъхъæнæг.

Ныртæккæ ма раззагазиаг леопардтæ парахат кæныны центры Сочийы ис ноджыдæр 12 сырды. Æрæджы дзы фæзынди дыууæ ноггуырды дæр. Специалистты нысан у, Кавказы хъæддаг æрдзмæ 50 леопарды рауадзын. Æмæ уымæ кæнынц ныфсджын къахдзæфтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania