филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:42 воскресенье, 01 февраля 2026
22 июля 2022, 10:19
Санкциты уавæрты республикæйы экономикæйы рæзтыл ныхас цыд Хицауады æмбырды

Транспорты æмæ фæндаггон инфраструткурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариель куыд радзырдта, афтæмæй ацы къабазы цæуы ахадгæ куыст

Санкциты уавæрты республикæйы экономикæйы рæзтыл ныхас цыд Хицауады æмбырды. Транспорты æмæ фæндаггон инфраструткурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариель куыд радзырдта, афтæмæй ацы къабазы цæуы ахадгæ куыст. Æркæсынмæ бацæттæ кодтой сæрмагонд проект. Йæ нысан у – подрядон организацитимæ паддзахадон контракттæ бафыссын. Оперативон штабы уынаффæтæм гæсгæ нысан кæнынц 4 паддзахадон контракты бафыссын. Се хсæн – регионалон æмæ муниципалон автомобилон фæндæгты хсæн бырутæ сæвæрын. Контракты аргъ у 24 милуан соммæ хæстæг. Дыккаг фарста – Заманхъулæй Зæронд Бæтæхъомæ фæндаджы уаццаджы цалцæг. Хауы автомобилон фæндаг «Кавказ»-мæ. Уыцы куыстыты аргъ у 83 милуан соммæ хæстæг. Уымæй дарддæр нысан кæнынц Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескены фæндаджы цалцæг дæр. Уый та слæудзæн 123 милуаны æмæ 500 мин сомы аргъ. Бакуыстой ма интеллектуалон транспортон системæйы техникон проектыл. Уый фæрцы хъуамæ автоматизацигонд æрцæуа фæндаггон змæлды процесс. Контракты аргъ у 5 милуан сомы. Иунæг подрядон организациимæ контракт бафыссын у ахсджиаг хъуыддаг, уымæн æмæ тæссаг у, санкциты аххосæй, куыстыты аргъ фæбæрзонддæр уæвынæй. Уымæй дарддæр ма æмбырды хаст æрцыд уынаффæ, спортивон объекттæ Рахизфарсы районы муниципалон исбонмæ раттыны тыххæй. Ныхас ма цыд, паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты райрæзт»-ыл, стæй федералон проект «Спорт – норма жизни»-йыл. Стыр æргом аздæхтой хъæууонхæдзарадон кооперативтæн гранттæ дæттынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania