филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 воскресенье, 01 февраля 2026
25 июля 2022, 10:42
Сергей Меняйло фембæлд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутаттимæ

Семæ æрныхас кодта федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд»-ы дарддæры рæзтыл

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутаттимæ. Семæ æрныхас кодта федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд»-ы дарддæры рæзтыл. Йæ фæлгæты Дзæуджыхъæуы ацы азы кæронмæ фæнд кæнынц 63 хæдзары кæрты саив кæнын. Æхсæнадон территориты рацараздзысты национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат архайд»-ы æххуысæй. Объектты ивд æрцæудзысты бандæттæ, рухсытæ, асфальты уæлцъар. Ацы куыстытæн республикæ радих кодта уæлæмхасæн 84 милуан сомы, Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци та 6 милуаны. Куыстытæ хъуамæ райдайой августы. Республикæйы разамонæг се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, йæ рæстæджы, территориты аивдзинадыл кæй схъæлæс кодтой республикæйы цæрджытæ сæхæдæг. Абон сæйраг хæс у, ацы къабазы архайд дарддæр ахæццæ кæнын. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй нæ бон у районтæ саив кæнын, æмтгæй райсгæйæ та республикæйы рæсугъддзинадыл бакусын, уымæн та хъæуы æмдыхæй бавналын куыстытæм. Фæрæзтæй дæр цух не ййафы республикæ, уымæ гæсгæ, ницы фсон ис, архайд фæкъуылымпы кæнынæн, загъта республикæйы сæргълæууæг. Федералон проект бæстæйы президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, царды æххæст кæнын райдыдтой 2017-æм азы. Проекты сæйраг хæс – муниципалитетты рæзтæн ног гæнæнтæ радтын, уыимæ цæрджыты фæндонтæ дæр хынцын. Регионы конд æрцыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проекты Æхсæнадон совет. Ныхас кæнынц цæрджытимæ, кæсынц дизайн-проектты эскизтæм. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ та сæ цæст дарынц Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы специалисттимæ иумæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania