филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 воскресенье, 01 февраля 2026
26 июля 2022, 10:33
Сергей Меняйлойæн ма кусæг фембæлд уыди Икъаты Русланбегимæ

Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды раздæры сæргълæууæгæн бабар кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæджы бæрнон бынат

Сергей Меняйлойæн ма кусæг фембæлд уыди Икъаты Русланбегимæ дæр. Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды раздæры сæргълæууæгæн бузныг загъта йæ ахадгæ куысты тыххæй, æмæ йын бабар кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæджы бæрнон бынат, арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй сæм æнхъæлмæ кæсы республикæйы цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн æнæрлæугæ куыст. Уыимæ, хъуамæ ацы аз фыст æрцæуой 2023-æм азы кæронмæ æппæт бадзырдтæ æмæ контракттæ.  Сергей Меняйло загъта, Икъаты Русланбегмæ разамынд дæттыны къабазы ис стыр фæлтæрддзинад, уыимæ æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты, уый та размæ вæрд хæстæ æмæ нысантыл фæзындзæн хорзырдæм. Икъаты Русланбег бузныг загъта ахæм бæрнон кыст ыл кæй баууæндыдысты, уый тыххæй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania