филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:32 вторник, 03 ноября 2026
27 июля 2022, 10:10
Дзанайты Барис бабæрæг кодта, хъыгдард чи баййæфта, уыцы районтæ

Сæрмагондæй уыдис Архонкæйы, Хъæдгæроны æмæ Æрыдоны

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта, хъыгдард чи баййæфта, уыцы районтæ. Сæрмагондæй уыдис Архонкæйы, Хъæдгæроны æмæ Æрыдоны. Аныхас кодта цæрджытимæ, бынæттон разамонджытимæ. Сбæрæг кодта, фæстиуджытæ куыд иуварсгонд цæуынц, уый, радта сæрмагонд хæслæвæрдтæ. Премьеримæ кусæг балцы уыд нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ, æмæ нын радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Æрдзон фыдбылыз Архонкæйы сывæллæтты рæвдауæндонæн бахъыгдæрдта йæ сæйраг бæстыхайы сæры хай, кæрты афæлдæхтысты бæлæстæ. Иу та дзы бахауд сарайы сæрыл. Территори рæвдауæндоны кусджытæ сæхи тыхтæй бафснайдтой. Уый тыххæй бахъуыд кусæнуаты архайд иу бонмæ æрлæууын кæнын. Материалон æххуыс бакодта бынæттон администраци.

Горæтгæрон районы фæстиуджытæ куыд иуварс кæнынц, уый тыххæй Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн радзырдта районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан. Куыд загъта, афтæмæй газ æмæ элетрон тыхы куыст нывыл у, фæлдæхт бæлæстæ раластой. Æппæтæй тынгдæр хъыгдард баййæфта Октябрьскæйы 5-уæладзыгон хæдзары сæр. Ныртæккæ йæ райдыдтой цалцæг кæнын. Æххуыс райсдзысты хи хæдзæртты хицæуттæ дæр.

Хъæдгæроны та хъыгдард баййæфтой дæсгай хæдзæрттæ. Гагуылаты Фатимæ дзуры, хуыцаубоны сæ хъæбулæн фæнд кодтой кæхц скæнын, фæлæ æрдзон фыдбылызы фæстæ ацы хъуыддаг къухы нал бафтыд. Дымгæ хæдзары сæр систа, уыимæ ма æрхауд сæ машинæйыл.

Гæгуылаты Фатимæ: «Нæ бон æй баивын нæу.  Уый бæрц фæрæзтæ нæм нæй. Кусгæ нæ кæнын. Пенсионертæ стæм.Баххуыс нын кодтой – 40 сыфы шифер нын радтой, уыдонæй нæ бон ницы бакæнын суыдзæн. Хъæдæрмæг хъæуы, куæсгæн дæттын хъæуы, лыстæг куыстытæ дзы ис. Нæ фæрæзтæ нæ амонынц».

Сæ уавæры тыххæй Фатимæ æмæ бынæттон цæрджытæ радзырдтой премьерæн. Куыд загътой, афтæмæй сын æххуыс кæнынц, фæлæ уый фаг нæу. Дзанайты Барис бабар кодта, фарстамæ бæлвырддæр æркæсын.

Иннæ объект – 8-фатерон хæдзар поселок Степнойы Æрыдоны кæрон. Бæстыхай 19-æм азы нымад æрцыд кæлæддзагыл. Ныр та ма йыл æрдзон фыдбылызы цæф дæр æрцыд. Хæдзары сæр баивынæн бахъæудзæн 300 мин сомы бæрц. Дзанайты Барисæн куыд загътой, афтæмæй куыстытæ цыбыр рæстæгмæ сæххæст кæндзысты.

Дымгæ систа Цæгат Кавказы аграрон колледжы æрмадзты сæр дæр. Æрæмбæрзын хъæуы бæстыхайы фæзуат – 500 квадратон метры бæрц. Уымæн цас фæрæзтæ бахъæудзæн, уыцы фарста ныртæккæ бæрæг кæнынц.

Æмтгæй райсгæйæ, Æрыдоны районы дæр газы æмæ электрон тыхы куыст нывыл у. Хъæуы ма цæрджытæн материалон æххуыс кæныны фарста кæронмæ алыг кæнын. Дзанайты Барис бабар кодта ацы хъуыддаг дæр фæтагъддæр кæнын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania