филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:10 вторник, 03 ноября 2026
29 июля 2022, 10:16
Бюджетон кредит 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы бæрц райсдзæн республикæ федералон центрæй

Лæвæрд æрцæудзæн, Уæрæсейы Хицауад кризисы ныхмæ цы мадзæлттæ аразы, уыдон æххæстгæнгæйæ

Бюджетон кредит 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы бæрц райсдзæн республикæ федералон центрæй. Лæвæрд æрцæудзæн, Уæрæсейы Хицауад кризисы ныхмæ цы мадзæлттæ аразы, уыдон æххæстгæнгæйæ. Ахæм ивддзинæдтæ республикон бюджетмæ бахæссыны закъоны проектмæ æркастысты Парламенты æмбырды. Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег куыд загъта, афтæмæй фæрæзтæ хардзгонд æрцæудзысты муниципалон скондты хæстæ бафидынæн коммерцион кредиттæм гæсгæ. Уый сын ратдзæн, бынæттон бюджетты хæрдзтæ зынгæ фæкъаддæр кæныны фадат. Депутаттæ документ сфидар кодтой фыццаг æмæ дыккаг кæронбæттæн æркасты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania