филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:01 пятница, 22 ноября 2024
15 сентября 2022, 10:48
Рухс федта энциклопеди «Осетинская Нартиада»-йы фыццаг том

Проекты автор æмæ сæйраг редактор – историон наукæты доктор Цыбырты Людвиг

Рухс федта энциклопеди «Осетинская Нартиада»-йы фыццаг том. Проекты автор æмæ сæйраг редактор – историон наукæты доктор Цыбырты Людвиг. «Энциклопеди»  у æмбал кæмæн нæй ахæм, æртæ томон Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртæстыты институты проект. Йæ фæрцы, куыст æрцыд Нарты кадджыты фольклорон-этнологон æрæмджытæ раиртасыныл. Гуманитарон иртæстыты институты ахуыргæндтæй уæлдай ма йыл куыстой Уæрæсейы æмæ хæстæг фæсарæнтæй 50 специалисты. Энциклопеди саразыныл куыст цыд æхсæз азы.  Æмбырдгонд дзы æрцыдысты дыууæ æнусы æрмæджытæ. Сюжеттæ, циклтæ æмæ Нартиадæйы хъайтартæ,  иртасæн куыстыты æмæ публикацитæ. Чиныг æххæстгонд у нывтæй. Зæгъæм, фенæн дзы ис Дзанайты Азанбег æмæ Тугъанты Махарбеджы зындгонд нывтæ, стæй æрыгон авторты куыстытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania