филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:27 вторник, 30 апреля 2024
29 сентября 2022, 10:56
Заманхъулы фæдзæхстбынаты ауагътой 4 сæдæ цæгаткавказаг фазаны

Мæргъты балхæдтой Астрæхæны облæсты

Заманхъулы фæдзæхстбынаты ауагътой 4 сæдæ цæгаткавказаг фазаны. Мæргъты балхæдтой Астрæхæны облæсты. Уым ис Уæрæсейы æппæтæй стырдæр фазантæ дарæн бынат. Цæгат Ирыстоны æрдзхъахъхъæныны министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй республикæйы æрдзмæ ныридæгæн рауагътой мин фазанæй фылдæр. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй æрдзон уавæрты сæхи æнкъарынц иттæг хорз. Уымæй уæлдай, цы бынæтты сты, уым сæвæрдтой хæринаг сын кæм кæнынц, ахæм сæрмагонд къоппытæ. Ныр мæргъты фенæн ис Алагиры, Дигорайы, Æрыдоны æмæ Заманхъулы. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм,  куыд Уæрæсейы хуссайраг æппæт регионты, афтæ нæ республикæйы дæр, 90-æм азты фазан сси стæм маргъ. Афтæмæй, 20 азы размæ мæргъты ацы хуызæн тæссаг уыди фесæфынæй. Ныр уавæр аивта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania