филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:31 воскресенье, 01 февраля 2026
26 октября 2022, 11:15
Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыд Федерацийы Советы комитеты сæрдары хæдивæг Мурат Хапсироков

Базонгæ сты контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» куыстимæ

Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыд Федерацийы Советы комитеты сæрдары хæдивæг Мурат Хапсироков. Хицауады сæрдар Дзанайты Барисимæ æмæ Уæрæсейы транспорты министрады паддзахадон политикæйы департаменты директор Кокайты Михаилимæ базонгæ сты контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» куыстимæ. Ныртæккæ дзы модернизаци цæуынц арæнхъахъхъæнæн ахизæнтæ. Рацарæзт цæуы дыууæ къæпхæнæй. Проектмæ гæсгæ нысан кæнынц фæндаджы рæнхъытæ 39-ы онг фæфылдæр кæнын. Уымæй дарддæр дзы машинæтæн сæвæрдзысты уæлæмхасæн æрлæууæнтæ. Адих кæндзысты уæзласæн æмæ бæлццæттæласæн транспорты бынæттæ. Сараздзысты таможняйы цæстдарды арæнхъахъхъæнæн бæстыхай, стæй ма рацараздзысты кинологон службæ. Рацарæзт фæуынмæ хъавынц 2023-æм азмæ. Фæстæдæр уыд бæрнон кусджыты фембæлд. Мурат Хапсироков куыд загъта, афтæмæй, цы федта, уыцы куыстытæй баззад разыйæ. Нæ иумæйаг хæс у – бæлццæттæн æмбæлгæ уавæртæ саразын. Фыццаг бынаты та лæууы æдасдзинады фарста. Æхсызгон у уый, æмæ куыстытæ кæй цæуынц, нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Дзанайты Барис ма бафтыдта, Уæллаг Ларсы уадзæн пункт ахсджиаг объект кæй у. Æмæ арæнты сæрты чи хизы, уыдонæн хъæуы æмбæлгæ уавæртæ саразын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ республикæйы территорийы кæй скуыста электрон рад уæзласæн машинæтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania