10 ноября 2022, 11:24
Мæздæджы хатдзæгтæ скодтой традицион футболон турнир «Сызгъæрин фæззæгæн»
Архайдтой дзы сывæллæтты командæтæ Цæгат Ирыстонæй, Стъараполы крайæ, Дагестанæй, Кæсæг-Балхъарæй æмæ Мæхъæлы республикæйæ
Мæздæджы хатдзæгтæ скодтой традицион футболон турнир «Сызгъæрин фæззæгæн». Архайдтой дзы сывæллæтты командæтæ Цæгат Ирыстонæй, Стъараполы крайæ, Дагестанæй, Кæсæг-Балхъарæй æмæ Мæхъæлы республикæйæ. Ерыстæ цыдысты дыууæ кары категорийы, сæрмагонд системæмæ гæсгæ. Кæд æрыгон архайджытæ уыдысты, стæй боныхъæд дæр сæ хуыздæртæй нæ уыд, уæддæр лæппутæ равдыстой уæлахизмæ æгæрон тырнындзинад. Хуыздæр бæрæггæнæнты хицæуттæ систы Цæгат Ирыстоны æмæ Дагестаны командæтæ. Турнир саразыныл бакуыста Мæздæджы районы администраци æмæ сывæллæтты 1-æгæм спортивон скъола.
темæмæ гæсгæ




