филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:43 суббота, 31 января 2026
11 ноября 2022, 11:09
Хæдзæртты цы рынчын сывæллæттæ ахуыр кæнынц, уыдонæн уыдзæн лæвар хæрыны фадат бон дыууæ хатты

Уый фæдыл закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл æрныхас кодтой Парламенты Советы æмбырды

Хæдзæртты цы рынчын сывæллæттæ ахуыр кæнынц, уыдонæн уыдзæн лæвар хæрыны фадат бон дыууæ хатты. Уый фæдыл закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл æрныхас кодтой Парламенты Советы æмбырды. Уымæй уæлдай ма, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, фæлæ астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырд цы адæммæ ис, уыдонæн ма фадат уыдзæн ноджыдæр иу дæсныйад райсынæн, республикæйы бюджеты фæрæзтæй. Стæй ахуырадон организациты чи цæры, уыдоны паддзахад алцæмæй дæр ифтонг кæндзæн. Æмбæлы сын лæвар хæринаг, дзаумæттæ æмæ къахыдарæс. Депутаттæ хорзыл банымадтой Брянскы облæсты æмкусджыты хъæппæрис. Сæ фæндонмæ гæсгæ нысангонд æрцæудзæн сидзæр, æмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй цы сывæллæттæ хъомыл кæнынц, уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыны ног фæткæвæрд. Депутаттæ ма бахастой фæндон, паддзахадон гарантиты фæрцы, фидын кæмæн хъæуы, уыцы медицинон лæггæдты аргъ фæкъаддæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania