филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 суббота, 31 января 2026
22 ноября 2022, 11:18
Æрæфы район йæ фароны куыстмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны муниципалитетты хсæн, нымад æрцыд хуыздæрыл

Район бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд

Азæй – азмæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ. Æрæфы район йæ фароны куыстмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны муниципалитетты хсæн, нымад æрцыд хуыздæрыл.  Район бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Нырыккон кусæнгæрзтæй  æххæст! Мацутæйы цæрджытæ æмæ бæлццæттæн фæзынд фылдæр гæнæнтæ. Афæдзы размæ дзы байгом кодтой фельдшерон акушерон пункт. Раздæр ацы ран уыд тагъд æххуысы пункт. Фæлæ йæ уавæртæ æмæ гæнæнтæ медицинон куыстуаты домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдтой. Ныр хъуыддаг цæхгæр аивта. Алкæйы бон дæр у ам бæрзонд æмвæзадыл æххуыс райсын.

Цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты автомобилон фæндаг  Цыкола-Мацутæ-Комы-арт-ы арæзтадыл. Трассæ уыди уæззау уавæры – асфальты бæсты дзы уыд хуырджын фæндаг. Ныр Дыгургомы æрдзы рæсугъддзинæдтæ фенынмæ балц свæййы удæнцойдзинад хæссæг. Фæндаг сси æдасдæр æмæ æнцондæр цæуæн. Бындурон цалцæггонд ма æрцыдысты хидтæ дæр. Фæбæрæг кæнинаг ма у уый дæр, æмæ фæндæгты арæзтады пайдагонд кæй æрцыд нырыккон технологитæй. Ам цы фæндаджы уæлцъар сæвæрдтой, ахæм Ирыстоны никуы ма ис. Сарæзтой йæ сæрмагондæй хохаг фæндæгтæн.

Дыгургоммæ туристты цыд зымæджы дæр нæ мынæг кæны. Уавæртæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ та адæм тынгдæр тырнынц  ацы бынæттæм. Æхсинты хидыл ничи иуварс кæны. Йæ ахадындзинад ын æмбаргæйæ йæ бацалæг кодтой программæ «Хъæууон территориты иумæйаг райрæзт»-ы фæрцы. Рæстæджы цыдимæ Æрæфы районы алы къабæзты дæр фенæн ис хорзырдæм ивддзинæдтæ. Паддзахадон æххуысы фæрцы дзы хъæууон хæдзарады кусджыты нымæц кæны фылдæр. Бирæтæн фадат фæци фосдарыны куыст кæнынæн. Уыимæ дзидза æмæ йæ продукттæ æрвитынц Уæрæсейы центрон хаймæ. Авд азы размæ  фермер Езеты Анатолий райста  грант  æмæ æппæт  райдиан капитал бахардз кодта бæхтæ балхæныл.  Фидæнмæ йæ фæнды йæ хадзарад фæуæрæхдæр кæнын.

Æрæфы район фароны куысты бæрæггæнтæ бахынцгæйæ, хуыздæрыл нымад æрцыд республикæйы муниципалитетты хсæн. Бæрæггæнæн лæвæрд цыд 32 къабазмæ гæсгæ. Се хсæн экономикæ, социалон тыгъдад, æхсæнадон – политикон архайд. Сæйраг приз – 10 милуан сомы хардзгонд æрцæудзысты бынæттон инфрастуктурæйы райрæзтыл.

Ис сæм фидæнмæ дæр фæндтæ.Се хсæн районы цæрджыты æнцон цардæн пайдайг хъуыддæгтæ. Ныридæгæн Цыколайы арæзт цæуы бирæфункционалон спортивон комплекс. Уыцы нысантæн дихгонд æрцыд 300 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania