филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 суббота, 31 января 2026
30 ноября 2022, 11:34
Республикæ архайдта æппæтадæмон математикон флешмобы

Ерыс арæзт æрцыд 2 фæзы – Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы

Республикæ архайдта æппæтадæмон математикон флешмобы. Ерыс арæзт æрцыд 2 фæзы – Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы. Сæ зонындзинæдтæ сбæлвырд кодтой 40 адæймагæй фылдæр. Йæхи хуыздæр чи равдыста, уый сбæрæг уыдзæн ацы къуыри. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Мæздæджы математиктæн фæлтæрæнтæ æххæст кæнын æххуыс кодта æнахуыр уазæг – гæды Евæ. У флешмобы символ. Полина Скляренко æрбацыд математикæйæ йæ зонындзинæдтæ сбæлвырд кæныны нысанимæ. Хъазæн хуызы ерыс йæ зæрдæмæ цæуы, зæгъы чызг. Гæдыимæ кусын та у цымыдисаг фæлтæрддзинад.

Æппæтадæмон флешмоб Мæздæджы арæзт æрцыд Кванториумы бындурыл. Ахуыргæнæг Нина Хайруллова куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæм ис цымыдисдзинад бæлвырд наукæтæм. Скъоладзаутæ проекттимæ архайгæйæ æдзухдæр фæкæнынц бахыгъдтæ. Уымæ гæсгæ сын флешмоб у, сæ тыхтæ æнахуыр фæлтæрæнтæ хынцыны бавзарыны фадат. Ерыс кæнынц куыд сæрмагонд хыгъды, афтæ къордгай дæр. 40 архайæгæй фылдæр 10-æй – 14 азы онг.

Архайджытæ сæхæдæг æвзарынц хæслæвæрдты зындзинады æмвæзад. Ис 4 лигæйы – урс, кæрдæгхуыз, бур æмæ сырх. Бекъойты Гермæн ерысы архайдта Дзæуджыхъæуы. У математикон флешмобы æппæтæй æвзонгдæр архайæг. Мадзалы тыххæй информаци федта сайты, æмæ сфæнд кодта йæхи бафæлварын.

Математикæ – æрмæст теоремæтæ æмæ фæлтæрæнтæ нæу.  Наукæйы фæрцы зонды гæнæнтæ парахатдæр кæнынц, адæймаг ахуыр кæны информациимæ кусын æмæ анализ кæнын. Мадзаларазджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй флешмобы хæслæвæрдтæ техникон зондахастимæ сывæллæттæн не сты.

Флешмобæн хатдзæгтæ алы фæзы скæндзысты дæр хицæнæй. Ацы къуыри сбæрæг уыдзысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania