Хуынд æм æрцыд не мкусæг Сосранты Жаннæ дæр, æмæ йын бантыст фембæлдæй æрмæг бацæттæ кæнын
Цæгат Ирыстоны фæсивæдæн абон цы бирæ гæнæнтæ ис, сæхи журналисты дæсныйады бафæлварынæн, ахæмтæ никуы уыд. Республикæйы бирæ скъолаты «Точка Ростæ»-йы фæлгæты кусынц медиацентртæ. Цы техникон фæрæзтæ дзы ис, уыдоны фæрцы скъоладзаутæ фылдæр кæнынц сæ зонындзиндæдтæ, гом кæнынц сæ курдиат. Цыколайы 1-æм скъолайы медиацентры хъомылгæнинæгты куыстæн æвдисæн уыдысты Ирыстоны дзыллон информацион фæрзты кусджытæ. Хуынд æм æрцыд не мкусæг Сосранты Жаннæ дæр, æмæ йын бантыст фембæлдæй æрмæг бацæттæ кæнын.
Ирыстоны дзыллон информацион фæрæзты минæврттæ зæрдиагæй бацархайдтой, æвзонг журнæлисттæ цы мадзал сарæзтой,уым. Жуналисты дæсныйад сывæллæтты цæстытæй. Афтæ схуыдтой сæ архайдимæ базонгæ кæныны мадзал Цыколайы фыццæгæм скъолайы медиа центры архайджытæ.
Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой сæрмагонд видеоролик. Систой йæ нырыккон техникæйы хуызтæй пайда кæнгæйæ. Уазджытæ йæм цымыдисагæй бакастысты,уый фæстæ сæ алчи дæр раргом кодта йæ хъуыдытæ. Æхсызгон уыд, портал фынддæсæм регионы минæвæрттæ Колиты Людмилæ æмæ Хосдзауты Алинæ, телерадиокомпани «Мир»- ы регионалон хайады сæргълæууæг Хъантемыраты Станислав, сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы сæйаг редактор Сæлбиты Дианæ, æмæ Падзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы минæвæрттæм, куыд зæрдиагæй хъуыстой скъоладзаутæ, уый.
Ахæм фембæлдтытæ пайдайаг кæй сты сывæллæтты зондахаст фылдæр кæнынæн, уый æнæмæнг хъуыддаг кæй, уый фæбæрæг кодта ацы скъолайы рауагъдон Портал 15-æм регионы уацхæссæг Хосдзауты Алинæ.Уыимæ йæ дисы бафтыдта цы диссаджы техникæйы фæрæзтæй кусынц , уый.
Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омар дæр мадзалы архайджытæм фæхæццæ кодта йæ хъуыдытæ хицауадимæ журналисты куысты ахадындзинады тыххæй. Æвзонг журнæлисттæ та уазджытæн бацæттæ кодтой фæрстытæ. Баст уыдысты куыд дæсныйадимæ, афтæ сæ царды тыххæй дæр. Журнал Ногдзауы сæйраг редактор та практикон æгъдауæй дзуапп радта фарста чи у журналисттæн.
Цыколайы фыццæгæм скъолайы медиа центр кæдæй кусы, уæдæй йын разамынд дæдты Фейзулаты Светланæ. Йæ арæхстджын куысты фæрцы сывæллæттæн бантыст бирæ цымыдисаг проекты бацархайын. Куыд районы, афтæ республикон æмвæзады дæр. Уæвгæ, Æрæфы районы разамынд архайы, ахæм уавæртæ фылдæр скъолаты саразыныл.
Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ «Точка Роста» кæдæй байгом, уæдæй йæ ахуырдзауты зондахаст зынгæ фæфылдæр. Цы фадæдтæ сын фæзынд, уыдон сын радтой гæнæнтæ нырккондæр хуызы сæ хъуыдытæ цардмæ хæссынæн.




