Ныртæккæ æхгæд сты 2 скъолайы æмæ сывæллæтты 23 рæвдауæндоны
Республикæйы рæзы æхснырсæгæй рынчынты нымæц. Ныртæккæ æхгæд сты 2 скъолайы æмæ сывæллæтты 23 рæвдауæндоны. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Дзырдтой ма Арвы комы фæндаджы уавæрыл дæр. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн бабар кодта байгом кæнын хъармгæнæн пункттæ. Æвзæр боныхъæды тыххæй, арæныл уæзласæн машинæты нымæц фæфылдæр. Æмбырды ма дзырдтой, социалон объектты арæзтадыл æмæ бындурон цалцæгыл дæр. Иннæ азмæ фæрæзтæ нысангонд сты 119 бындурон арæзтады объектæн æмæ 41 æхсæнадон зонæмæ базилынæн. 2023-æм азы ма сцалцæг кæндзысты сывæллæтты 30 рæвдауæндоны – уымæн æвæрд æрцыд 600 милуан сомы. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ фехъусын кодта, дарддæр æххæстгонд кæй цæуы мобилизацигонд адæмы бинонтæн æххуыс кæныны куыст. Се ппæт дæр райстой æмбæлгæ иурæстæгон фиддонтæ. Бæлвырдгæнæн мадзæлтты фæстæ специалистты сбæрæг кодтой, 27 бинонтæн кæй бакæндзысты уæлæмхасæн æххуыс сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы.




