филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:01 суббота, 31 января 2026
13 декабря 2022, 12:06
Цæгат Ирыстоны рæзы гриппæй æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг

Цæгат Ирыстоны рæзы гриппæй æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц. Сæ 20 процентмæ рабæрæг гриппы вирус H1N1. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг. Медицинон уагдæтты сын бацæттæ кодтой 300 бынаты онг. Уыдонæн ныртæккæ бацахстой се ртыккæгæм хай. Æдæппæтæй æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рынчынтæ сты 2 минæй фылдæр. Арæхдæр хæдзæрттæм дзурынц тагъдæххуысы службæйы дохтыртæм дæр. Ныртæккæ кусы 66 бригады. Сергей Меняйло бабар кодта сæ нымæц фæфылдæр кæнын, цæмæй дохтыртæм æнхъæлмæ кæсыны рæстæг къаддæр кæна. Æмбырды ма дзырдтой уадзæн пункттыл уавæры тыххæй дæр. Республикæйы сæргълæууæг æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн бабар кодта «Уæллаг Ларсы» æмæ «Дæллаг Зæрæмæджы» хъармгæнæн пункттæ байгом кæнын. Сергей Меняйло ма профилон ведомствæтæн бахæс кодта, заз бæлæсты базарты куыст бæлвырдгæнæн мадзæлттæ сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania