филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:36 воскресенье, 01 февраля 2026
13 декабря 2022, 12:15
Спорты галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыдысты Уæрæсейы чемпионат æмæ æппæтуæрæсеон ерыстæ мас-рестлингæй

Ацы аз сæ тыхтæ бафæлварыны тыххæй Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 80 спортсмены онг Уæрæсейы 8 регионæй

Спорты галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыдысты Уæрæсейы чемпионат æмæ æппæтуæрæсеон ерыстæ мас-рестлингæй лæппуты æмæ чызджыты хсæн «Кавказы Кубок». Æвзонг спортсменты хсæн ерыстæ цыдысты æртыккаг хатт. Ацы аз сæ тыхтæ бафæлварыны тыххæй Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 80 спортсмены онг Уæрæсейы 8 регионæй. Ерысты архайджытæ хорзæхгонд æрцыдысты майдантæй æмæ дипломтæй. Турниры кадджын уазджыты хсæн уыдысты Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ республикæ Якутийы паддзахадон сконды сæрдар Алексей Еремеев.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania