филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:30 суббота, 31 января 2026
21 декабря 2022, 12:07
Алагиры районы архайдтой зынгхуыссынгæнæн тактикон ахуырты

Афтæмæй сбæрæг кодтой сæ цæттæдзинад, зынгхуссынгæнæн мадзæлты архайынæй

Уæрæсейы гвардийы службæгæнджытæ æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ Алагиры районы архайдтой иумæйаг зынгхуыссынгæнæн тактикон ахуырты. Афтæмæй сбæрæг кодтой сæ цæттæдзинад, зынгхуссынгæнæн мадзæлты архайынæй. Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ, электрон тыхдæттæг телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уымæ гæсгæ бæстыхайы фыццаг уæладзыджы кабинеты ссыгъди зынг, æмæ æвæстиатæй райдыдта арт парахат кæнын. Скуыста сигнализаци, æмæ бынатмæ æрбахæццæ сты æвæстиаты службæтæ. Ахуырты сæйраг нысан у сæрмагонд службæты æмархайд банывыл кæнын, уæлдайдæр та æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг. Къордты разамонджытæн скодтой инструктаж. Ирвæзынгæнджытæ сын радзырдтой зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады мадзæлтты тыххæй. Фæстæдæр та сфæлхат кодтой практикон амынддзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania