22 декабря 2022, 11:41
Дзæуджыхъæуы райдыдта IT-технологиты цыппурсы фестиваль
200 архайæгæй фылдæрæн арæзт цæудзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, интеллектуалон хъæзтытæ, тематикон равдыстытæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта IT-технологиты цыппурсы фестиваль. 200 архайæгæй фылдæрæн арæзт цæудзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, интеллектуалон хъæзтытæ, тематикон равдыстытæ. Цæгат Ирыстоны колледжты æмæ техникумты студенттæ равдисдзысты сæ зонындзинæдтæ электрон технологиты къабазæй. Мадзалы сæрмагонд уазæг уыдзæн Анна Москалева. Уый у æппæтадæмон эксперт æмæ WorldSkills-ы компетенцитæ «Графикон дизайн»-ы менеджер. Форум кусдзæн алы бон дæр 23-æм декабры онг.
темæмæ гæсгæ




