филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 суббота, 31 января 2026
17 января 2023, 11:32
Цæгат Ирыстоны банымадтой, газификацийы программæ 2022 азы хуыздæр чи сæххæст кодта, ахæм регионыл

Парти Иугонд Уæрæсæйы хъæппæристæ царды куыд уадзынц, ууыл дзырдтой видеобастдзинады фæрцы цы æмбырд сарæзтой, уым

Цæгат Ирыстоны банымадтой, газификацийы программæ 2022 азы хуыздæр чи сæххæст кодта, ахæм регионыл – хъусын кæны республикæйы разамонæджы пресс-службæ. Парти Иугонд Уæрæсæйы хъæппæристæ царды куыд уадзынц, ууыл дзырдтой видеобастдзинады фæрцы цы æмбырд сарæзтой, уым. Амыдта йæ партийы сæрдар Дмитрий Медведев. Куыд фехъусын кодтой афтæмæй ныртæккæ республикæйы бафыстой газификацийы мин æхсæз сæдæ дыууын фараст бадзырды. Уыдонæй мин цыппар сæдæ дæс хæдзармæ æрдзон артаг бауагътой зæххы хайы арæнмæ, 710 хæдзармæ та газ радтой комкоммæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania